Ион
Внешний вид
Ион (гр. ιόν «цæуæг») у, протонтæ æмæ электронты бæрц æмхуызон кæмæн не сты, уыцы ифтыгъд хайыг (атом кæнæ молекулæ).
Кæд ионы сконды электронты нымæц протонты нымæцæй фылдæр у, уæд йын ис æппæрццæг ифтыгъдæг æмæ йæ хонынц анион (дæнцæг: Cl-). Кæд электронтæ протонтæй къаддæр сты (бæрцæй), уæд ионæн ис æвæрццæг ифтыгъдæг æмæ йæ хонынц катион (дæнцæг: Na+).