Азербайджан
Азербайджаны Республикæ | |||||
---|---|---|---|---|---|
Azərbaycan Respublikası | |||||
| |||||
Девиз: «Odlar Yurdu (Æртыты бæстæ)» | |||||
Гимн: «Azərbaycan Marşı!» | |||||
Официалон æвзаг | азербайджайнаг | ||||
Сæйраг сахар | Баку | ||||
Стырдæр сахартæ | Баку, Гандза, Нахичевань | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Республикæ | ||||
Территори | |||||
• Æдæппæт | 86 600 км² | ||||
Цæрджытæ | |||||
• Бахыгъд | 9 593 000 ад. | ||||
• Æнгомад | 109 ад./км² | ||||
ÆМП | |||||
• Æдæппæт (2011) | 94,318 млрд.[1] долл. | ||||
Валютæ | манат | ||||
Интернет-домен | .az | ||||
Код ISO | AZ | ||||
ÆОК-ы код | AZE | ||||
Телефонон код | +994 | ||||
Сахатон таг | +4 | ||||
Викикъæбицы медиа |
Азербайджа́н (азерб. Azərbaycan) у паддзахад Фæскавказы, Къаспы денджызы былгæрон, кæддæры Советон Цæдисы республикæ. Йæ сæйраг сахар у Баку. Кæд географийы цæстæнгасæй Фæскавказ Азимæ хауы, Азербайджан йæхи европæйаг паддзахадыл нымайы (Сомих æмæ Гуырдзыстоны дæр афтæ кæнынц).
Уæрæсейы империйы фехæлды фæстæ Азербайджан сси пысылмон дунейы фыццаг паддзахад, кæцыйæн дин йæ бындурыл нæ уыд. Уый бацыд Сомих æмæ Гуырдзостонимæ цæдисон паддзахадмæ — Фæскавказы комиссариат, зæгъгæ — фæлæ дыууæ азы фæстæ республикæтæ ахицæн сты. Советон хицауад Фæскавказы куы ныффидар, азербайджайнаг зæххыты уыдысты Фæскавказы федеративон республикæйы сконды 1936-æм азы онг. 1936-æм азæй 1991-æм азы онг Азербайджан уыд фынддæс советон республикæйæ иу.
Азербайджан у Хæдбар Паддзахæдты Æмбалады уæнг 1993-æм азæй. Уый у Европæйы советы уæнг 2001-æм азæй[2]. Кæд бæстæйы уагдæттæ демократон хуызы сты, Азербайджан нымад у авторитарон паддзахадыл.
Цæрджытæ
[ивын | Бындур ивын]Бæстæйы цæрджытæй фылдæр хай сты азербайджайнæгтæ (90 процентæй фылдæр), кæцытæ дзурынц азербайджайнаг æвзагыл. 2009-æм азы Азербайджаны цæрджыты сфыстмæ гæсгæ, бæстæйы цæрынц 8 922 447 адæймаджы[3], 2010-æм азмæ уыцы нымæц хъуамæ байрæзтаид 9 милуанмæ[4][5]. 2019-æм азы 6 апрелы Азербайджаны статистикæйы паддзахадон комитет фехъусын кодта, бæстæйы дæс милуанæм цæрæг кæй райгуырдис, уый тыххæй[6][7].
Сахарты цæрынц Азербайджаны цæрджытæй 52,8 %, хъæуты та — 47,2 %[8].
Азербайджаны уырнджыты фылдæр хай сты шиитаг пысылмæттæ.
Экономикæ
[ивын | Бындур ивын]Азербайджаны паддзахадон валютæ хуыйны манат.
Азербайджан хъæздыг у нефты гуырæнтæй. Нефт канд къахгæ нæ кæнынц, фæлæ ма уымæй исынц æндæр буаргъæдтæ дæр бынæттон химион индустрийы фæрцы. Нефт ахсы Азербайджаны экспорты 60%, нефты продукттæ та — 24 %[9]. Къахынц ма сызгъæрин æмæ æрдзон газ дæр.
Азербайджаны хъæууон хæдзарад зæйын кæны бæмбæг, тамако, цай, алыхуызон дыргътæ.
Тагъд рæзы Азербайджаны туризмы къабаз дæр, коронавирусы пандемийы агъоммæ-иу бæстæмæ æрцыдысты милуанæй фылдæр туристтæ алы афæдз дæр[10][11].
Административон дих
[ивын | Бындур ивын]Азербайджан дих кæны 66 районыл (азерб. rayonlar), 11 республикæйы дæлбарады сахарыл (азерб. şəhərlər) æмæ 1 автономон республикæйыл (азерб. muxtar respublika) — Нахичеваны Автономон Республикæ.
Республикæйы дæлбарады сахартæ
[ивын | Бындур ивын]- Баку (азерб. Bakı)
- Гандза (азерб. Gəncə)
- Евлах (азерб. Yevlax)
- Ленкорань (азерб. Lənkəran)
- Мингечевир (азерб. Mingəçevir)
- Нафталан (азерб. Naftalan)
- Нахичевань (азерб. Naxçıvan)
- Ханкенди (азерб. Xankəndi)
- Сумгаит (азерб. Sumqayıt)
- Шеки (азерб. Şəki)
- Ширван (азерб. Şirvan)
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Azerbaijan:Report for Selected Countries and Subjects . International Monetary Fund. Датæ: 2011-æм азы 12 апрелы.
- ↑ http://www.coe.int/t/cm/prs_EN.asp
- ↑ Censuses of Republic of Azerbaijan 1979, 1989, 1999, 2009(недоступная ссылка). Архив 2012-æм азы 30 ноябры. Azstat.org — The State Statistical Committee of the Republic of Azerbaijan
- ↑ Нас стало 9 миллионов(недоступная ссылка). Датæ: 2010-æм азы 15 январы. Архив 2011-æм азы 12 августы.
- ↑ CIA — The World Factbook — Azerbaijan(недоступная ссылка). Датæ: 2021-æм азы 19 ноябры. Архив 2009-æм азы 10 июны.
- ↑ Anar Samadov (www.anarsamadov.net). Azərbaycan Respublikası Səhiyyə Nazirliyi və Dövlət Statistika Komitəsinin birgə məlumatı(азерб.). Azərbaycan Respublikasının Dövlət Statistika Komitəsi. Датæ: 2019-æм азы 6 апрелы.
- ↑ В Азербайджане родился 10-миллионный житель . Информационное Агентство Репорт. Датæ: 2019-æм азы 6 апрелы.
- ↑ Anar Samadov. Azərbaycanda demoqrafik vəziyyət(азерб.). Azərbaycan Respublikasının Dövlət Statistika Komitəsi. Датæ: 2019-æм азы 19 февралы.
- ↑ Нефтяной рекорд. «Ведомости», № 10 (1784), 23 января 2007
- ↑ Hope, Katie Where's hot? This summer's most popular holiday spots(англ.). BBC News (19 July 2017). Датæ: 2017-æм азы 24 июлы.
- ↑ Отчёт(недоступная ссылка). Датæ: 2017-æм азы 24 июлы. Архив 2018-æм азы 13 ноябры.